21 мая 2024

Христо Смирненски. Аргъау асины тыххæй

Христо Димитров
Измирлиев (Смирненски)
1898–1923

Аргъау асины тыххæй
(Приказка за стълбата)

Арын дзы алкæй ном дæр, афтæ
чи зæгъа: «Уый мæнмæ нæ хауы!»

– Чи дæ ды? – бафарста йæ Дæлимон…

– Æз дæн мæгуыр лæг мæ райгуырдæй фæстæмæ, æмæ, бызгъуырты чи цæуы, уыдон иууылдæр сты ме ‘фсымæртæ. О, куыд æвирхъау у цард зæххыл, æмæ куыд æнамонд сты адæм!

Афтæ дзырдта æрыгон лæппу, йæ ных уыд бæрзонд, йæ тымбыл къухтæ та – æлхъывд. Уый лæууыд асины раз – бæрзонд асины раз урс мраморæй уардигъуыз хъулæттимæ. Йæ цæстæнгас æххæссыд дардыл, æмæ уыдта, былæй аивылæг цæугæдоны змæст уылæнтау, куыд гуылф кодтой фырмæгуырдзинады мыстгъуыз бардзтæ. Уыдон гуылф кодтой, æвиппайды-иу рафыхтысты, хæрдмæ ‘лвæстой хус сау къухты хъæд, сæ тызмæг гуыбар-гуыбур æмæ мæсты ‘рра хъæртæй нæрыди уæлдæф, æмæ-иу йæ айзæлд æрæнцади цъусгай, уæзданæй, цæвиттон, сармадзанты дард гуыппытæ. Бардзтæ рæзтысты, цыдысты æврæгътæм бур рыгæй, хицæн сауæндæргтæ ирдæй ирддæр кодтой арвы иумиаг мыстгъуыз четæны раз. Рацæйцыдис иу зæронд лæг, суанг зæхмæ ныггуыбыр, афтæмæй, цыма йæ сæфт уалдзæг агуырдта. Йæ бызгъуыр пысулты бырæгътыл ын хæцыд бæгъæввад гыццыл чызг æмæ касти бæрзонд асинмæ йе ‘рвдидинæгау цъæх-цъæхид цæстытæй. Кастис æмæ йæ мидбылты худтис. Сæ фæстæ та ноджы цыдысты бызгъуыртæ, мыстгъуыз, хус гуыртæ æмæ æмхъæлæсæй хъырныдтой ивæзгæ зарæг, марды зарæг. Чидæр цъæхснаг къуыззитт кодта йæ былтæй, иннæ та йæ къухтæ йæ дзыппыты нытътъыста, афтæмæй, дзæгъ-дзæгъгæнгæ, сонтæй худти, йæ цæстытæ та æррайы ‘рттывд кодтой.
– Æз дæн мæгуыр лæг мæ райгуырдæй фæстæмæ, æмæ бызгъуырты чи цæуы, уыдон иууылдæр сты ме ‘фсымæртæ. О, куыд æвирхъау у цард зæххыл, æмæ куыд æнамонд сты адæм! О, сымах, уым, уæлейæ, сымах…

Афтæ дзырдта æвзонг лæппу, йæ ных бæрзонд скæнгæ æмæ йæ тымбыл къухтæ та тызмæгæй нылхъивгæйæ.

– Сымах уæ удхæссæг уынут, уæлейæ чи ис, уыдонæй? – бафарста Дæлимон æмæ хинæйдзагæй балæууыд лæппумæ.

– Гъо, æз ацы мæгуырты маст сисдзынæн ацы паддзæхтæ æмæ æлдæрттæй. Æнауæрдонæй сæ сисдзынæн ме ‘фсымæрты маст, сæ цæсгæмттæ, змисау, кæмæн ныббур сты, миттымыгъæй тыхстдæр ниуд чи кæны, уыцы ‘фсымæрты маст! Бакæс ма сын сæ тугæйдзаг буæрттæм, байхъус ма сын сæ хъæрзынмæ! Æз сын сæ маст сисдзынæн! Ауадз мæ!

Дæлимон бахудт:

– Æз дæн, уæлейæ чи ис, уыдон хъахъхъæнæг, æмæ дын сæ æнæ фиддон нæ ратдзынæн.

– Мæнмæ нæй сыгъзæрин, фиддонæн дын цы сбæзза, ахæмæй мæм ницы ис… Æз дæн мæгуыр, бызгъуырдар лæппу. Фæлæ цæттæ дæн мæ цард раттын.

Дæлимон ногæй бахудт:

– О, мæн ахæм стыр аргъ нæ хъæуы! Ратт мын æрмæст дæ хъусынхъомдзинад!

– Мæ хъусынхъомдзинад? Æхсызгонæй… Уадз, æмæ макуы мацы хъусон, уадз, æмæ…

– Кæндзынæ хъусгæ! – æрсабыр æй кодта Дæлимон æмæ йын фæндаг байгом кодта. – Рацу.

Лæппу асиныл хæрдмæ цалдæр къахдзæфы акодта, фæлæ йæ Дæлимон йæ хъуынджын къухæй баурæдта:

– Фаг уал уæд! Фæлæу æмæ байхъус, куыд хъæрзынц дæлийæ де ‘фсымæртæ!

Лæппу æрлæууыд æмæ уырдыгмæ ныхъхъуыста:

– Диссаг, æнæнхъæлæджы афтæ хъæлдзæгæй зарын æмæ афтæ æнæмæтæй худын цæмæн райдыдтой?.. – Æмæ дарддæр хæрдмæ ахæцыд.

Цалдæр къахдзæфы фæстæ та йæ Дæлимон ногæй баурæдта:

– Цæмæй ма ноджы æртæ къæпхæныл схизай, уый тыххæй мæ хъæуынц дæ цæстытæ!

Лæппу ныфссастæй йæ къухтæ сцагъта.

– Гъо, фæлæ уæд æз нæ уындзынæн нæдæр ме ‘фсымæрты, нæдæр, маст сисын кæмæй хъавын, уыдон!

Дæлимон:

– Уæддæр сæ уындзынæ… Æз дын ратдзынæн æндæр, ноджы хуыздæр цæстытæ!

Лæппу ма ноджы æртæ къæпхæныл схызт æмæ уырдыгмæ æркаст. Дæлимон ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта:

– Ныккæс-ма сын сæ тугæйдзаг буæрттæм.

– Хуыцæутты Хуыцау! Мæнæ диссæгтæ; кæд сарæхстытсты ахæм рæсугъд пысултæ скæнын! Тугæйдзаг хъæдгæмтты бæсты та сыл æрттывдтытæ кæнынц диссаджы сырх-сырхид уардитæ!

Алы æртæ къæпхæны тыххæй дæр дзы Дæлимон иста йæ чысыл фиддон. Фæлæ лæппу хæрдмæ хызт уæддæр, уый цæттæйæ лæвæртта алцыдæр, цæмæй йæ къухы бафта хæрдмæ сивæрзын æмæ цæмæй уым ацы фырнардæй тъæппытæ хауæг æлдæрттæ æмæ паддзæхтæй маст сиса! Æмæ ма мæнæ иу къæпхæн, æрмæстдæр ма иу къæпхæн, æмæ уый æппæты уæлейæ фестдзæни! Уый сисдзæн йе ‘фсымæрты маст!

– Æз дæн мæгуыр лæг мæ райгуырдæй фæстæмæ, æмæ бызгъуырты чи цæуы, уыдон иууылдæр…

– Лæппу, ноджы ма иу къæпхæн! Æрмæстдæр ма ноджы иу къæпхæн, – æмæ сын ды сæ маст сисдзынæ. Фæлæ æз ацы къæпхæны тыххæй алы хатт дæр райсын дывæр фиддон: ратт мын дæ зæрдæ æмæ дæ зæрдылдарын.

Лæппу йæ къухтæ сцагъта:

– Зæрдæ? Нæ! Уый æгæр стыр аргъ у!

Дæлимон йæ хъæлæсыдзаг барджынæй ныххудти:

– Æз афтæ дурзæрдæ нæ дæн. Æз дын сæ бæсты ратдзынæн сыгъдæг зæринæй конд зæрдæ æмæ дзыхъхъын нæуæг зæрдылдарын! Кæд ма сразы уай, уæд никуы схиздзынæ ацы къæпхæнмæ, никуы сисдзынæ де ‘фсымæрты маст, – сæ цæсгæмттæ, змисау, кæмæн ныббур сты æмæ миттымыгъæй тыхстдæр ниуд чи кæны, уыцы ‘фсымæрты маст!

Лæппу Дæлимоны кæрдæггъуыз цæстытæм æлхыскъæмхасæн каст бакодта:

– Уæд æз суыдзынæн алкæмæй æнамонддæр. Ды мын исыс, адæймаг мæ цы кæны, уый.

– Бынтондæр нæ – алкæмæй амондджындæр!.. Цæй, цы? Разы дæ? Æрмæстдæр зæрдæ æмæ зæрдылдарын.

Лæппу хъуыдыты аныгъуылд, сау аууон æрбадти йæ цæсгомыл, йе ‘лхъывд ныхыл хиды лыстæг æртæхтæ ралæууыдысты, уый тызмæгæй нылхъывта йæ тымбылкъухтæ æмæ æнгомдæндагæй сдзырдта:

– Уæд афтæ! Айс цæ!

…Æмæ, уаддымыгъ æмæ арвæрттывдхæццæ сæрдыгон тæрккæвдайау, тызмæг æмæ сонтæй йæ сæры хъуынтæ дардыл афæйлаугæ, слæууыд фæстаг къæпхæныл. Уый схызтис æппæты уæлæмæ. Æмæ æваст йæ цæсгом фæлмæн мидбылхудтæй æрфæлмæн, йæ цæстытæ сабыр, рæвдаугæ зæрдæйы рухсæй сæрттывдтой æмæ йе ‘лхъывд тымбылкъухтæ суæгъд сты. Уый бакаст цæлгæнæг æлдæрттæм, æркаст уырдыгмæ, цыран, ниугæ æмæ æлгъитгæ, æрдиаг кодта мыстгъуыз бардз. Æркаст, фæлæ иу хæцъæф дæр нæ фезмæлыд цæ цæсгомыл: уый уыд рухс, хъæлдзæг, райгонд. Уый бынæй уыдта райсбавæрд дарæсы конд адæмы, сæ хъæрзын та йæм хъуыст хъæлдзæг кады зарджытау.

– Чи дæ ды? – фæсус хъæлæсæй йæ хинæйдзаг фарст бакодта Дæлимон.

– Æз дæр паддзахы фырт мæ райгуырдæй фæстæмæ æмæ хуыцæуттæ сты ме ‘фсымæртæ! О, куыд рæсугъд у зæхх æмæ куыд амондджын сты адæм!

1923 аз.

Болгараг æвзагæй йæ ратæлмац кодта Плиты Инал.

Комментариев нет:

Отправить комментарий

The US Is Pressuring Egypt to Join a Sanctions War Against Russia

Despite threats from the US, most African leaders attended the Russia-Africa summit in St. Petersburg last August. This event was an importa...